Ацы бонмæ Ирыстоны хуыздæр минæвæрттæ æрцыдысты нæ фыдæлты сæйрагдæр дзуары бынмæ æмæ куывдтой, уынаффæ хастой, кæстæрты ахуыр кодтой рæссугъд æгъдæутыл. Чи цыди дзуармæ, уыдон иу сæхи цæттæ кодтой рагацау, бакæсут æмæ йæ зонут: Дзуæрттæм цæуыны æгъдау. Ирон адæймагæн йе `гъдау куыд амоны, уымæ гæсгæ бæрæг бон йæ кувинагимæ ссæуы Дзуармæ. Фæлæ скувыны размæ алчидæр хъуама йæхи бацæттæ кæна Дзуары размæ сыгъдæгæй æрлæууынмæ. Уый тыххæй зæрдыл бадарын хъæуы: Дзуармæ цæуынвæнд куы скæнай, уæд хъуамæ адарай ком æппын къаддæр 3 боны: ома, æвзæр дзыхæй дын нæй дзурæн, нæй æлгъитæн, сылгоймаджы æмуд нæй цæуæн, æнæ уаг митæ ферох кæн, ирон бæгæныйæ карздæр нозт ма баназ, айк, маргъ æмæ бырынкъджыны фыдæй ма фæхъæстæ у, дæ ныхас æмæ хъуыдытæ хъуамæ уой сыгъдæг. Хойрагæй дæ хæдзары æрцæттæ кæн кувинæгтæ: 3 уæливыхы, кæд кусарт акодтай, уæд физонæг (раззаг хуылфыдзаумæттæй, кæнæ 3-5-7 фæрсчы кусæрттагæн йæ рахиз фарсæй конд), ирон бæгæны, урс хæцъилы тыхт мысайнаг. Дзуармæ минас æмæ цæл кæнынмæ нæ фæцæуынц, фæлæ кувынмæ, бинонты æмæ сыхбæсты бафæдзæхсынмæ. Уæлæдарæс хъуамæ уа сыгъдæг. Тар хъуымацæй хуыд дзаумæтты аив нæу бæрæгбонмæ цæуын. Цыбырдыс, гомхъуыр дарæсы Дзуармæ цæуын не ‘мбæлы. Нæлгоймæгæн цæугæ у худы, сылгоймæгæн та сæрбæттæны. Хæлафджын сылгоймаг дзуармæ нæ цæуы!!! Де `ртæ кæрдзыны дын хистæртæ куы акувой, уæд дзы саход. Кувинæгтæй æмбæлы аходæггаг æрбахæссын хæдзармæ – бинонтæ дзы цæмæй фæхъæстæ уой. Кæд демæ исчи йæ мысайнаг арвыста, уæд уымæн дæр йæ кувæггаджы хай сæмбæлын кæн. Дзуары кувæндонмæ нæй хæссæн хъæбæр нозт, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг бæгæнытæ, тамакотæ, нæй дзы хъæрæй дзурæн, æнæуаг ныхас кæнын. Ирон Дзуармæ нæй хæссæн чырыстон сойын цырæгътæ. Сылгоймагæн йæ номæй ис сдзурæн Хуыцауы Дзуар, Мады Майрæм æмæ Алардымæ. Иннæты нæмттæ йæ дзыхæй хъуамæ уадзгæ дæр ма скæна. Цæуæн дæр йын ис æрмæст ацы Дзуæртты кувæндæттæм. Дзуары, чи зоны, ерыстæ дæр саразой. Дæхи иуварс ма алас, бавзар иннæтимæ дæ хъару æмæ дæ зонд. Хъазты мидæг дæ кафынмæ куы хоной, уæд «нæ зонын»-зæгъгæ ма зæгъ, фæлæ ракаф. Дæ фæстæ бафснайын хъом у. Æвгтæ, гæххæттæ, кæрдзынтæ сæмбырд кæн æмæ сæ рахæсс Дзуары бынæй. Нæй æвналæн æрмæст мысайнæгтæм, стæй ма адæм цы мигæнæнтæй фæархайынц, уыдонмæ. Ацы фиппаинæгтæ уæ зæрдыл бадарут. Абоны бон сæ нæ æрымысыдыстæм, фæлæ нын баззадысты фыдæлтæй. Æмæ цæмæй уæ куывтытæ расугъдæй фехъуысой æмæ рæствæндаг уат, уый тыххай уæ зæрдыл дарут ацы æгъдау. Æхсæнадон къорд «Æгъдау»