Стыр фæз — йæ сабион авдæн
Нæ Республикæйы рæсугъд къуымтæй иу у Дзауы район. Йæ равзæрд, йæ историон фæндæгтæм гæсгæ, уый у иууыл рагондæр район Хуссар Иры. Хуссар Ир хæххон адæмыл нымад сты, фæлæ зæгъын хъæуы, уый сæйраджыдæр кæй хауы Дзауы районмæ. Дзауы районмæ ма ис иу миниуæг — йæ æрдзон скондæн æмбал нæй. Йæ диссаджы нæзыджын хæхтæ, йæ хъуытазхъуыр суадæттæ, йе ‘нхъизгæ суæрттæ, гауызау рæсугъд равæрд уыгæрдæнтæ, йæ сойджын сæрвæттæ æмæ йæ хъæддаг цæрæгойтæн æмбал кæм ис. «Рæсугъд мит дæр у, фæлæ дзы къæхтæ сийынц», — зæгъы нæ фыдæлты æмбисонд. Читать дальше...